Даниил 11:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хуссары паддзах цӕгаты паддзахимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ чызгӕн йӕ цард нывыл нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фыды фӕндтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хуссары паддзахы чызджы, йӕ фыды, йӕ мой ӕмӕ йӕ сывӕллоны, стӕй ус-паддзахы бынат кӕй фӕрцы бацахста, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардзысты. Faic an caibideil |