Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы заман стыхджын уыдзӕни хуссары паддзах, фӕлӕ йе ’фсады балхонтӕй иу йӕхицӕй тыхджындӕр суыдзӕн ӕмӕ ноджы уӕрӕхдӕр зӕххытӕ бацахсдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:5
7 Iomraidhean Croise  

Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.


Уыцы заман хуссары паддзахы ныхмӕ бирӕтӕ сыстдзысты. Дӕ адӕмӕй дӕр нӕрӕмон чи разына, уыдон йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, цӕмӕй, рагацау цы загъдӕуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст уой, фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтдзӕн.


Йе ’ппӕт тыхтӕ хуссары паддзахы ныхмӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ йемӕ схӕцдзӕни. Хуссары паддзах хӕстмӕ рацӕудзӕн ноджы стырдӕр ӕфсадимӕ, фӕлӕ йыл йе знаг фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕни сусӕгвӕнд.


Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.


Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan