44 Скӕсӕн ӕмӕ цӕгатӕй цы хабӕрттӕ фехъусдзӕн, уыдон ыл стыр тас бафтаудзысты. Фыр мӕстӕй пиллон артау ссудздзӕн ӕмӕ йе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕудзӕн.
Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.
Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕзындзысты киттимаг наутӕ, ӕмӕ паддзах фыр тӕссӕй фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Уаз Фидыды ныхмӕ сыстдзӕн ӕмӕ стыр тохы бацӕудзӕн. Уаз Фидыдыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны майдантӕ ӕмӕ лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕни.
Мысыры цыдӕриддӕр сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр хӕзнатӕ ссара, уыдон иууылдӕр йӕхи бакӕндзӕн; ливиӕгтӕ ӕмӕ эфиопӕгты басӕтдзӕн.
Йӕ цатыртӕ айтындздзӕн денджыз ӕмӕ Уаз хохы, хӕхты рӕсугъддӕры, ӕхсӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничиуал баххуыс кӕндзӕн.
Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.
Уыдон ӕмзонд сты, ӕмӕ сӕ тых, сӕ бартӕ ратдзысты сырдмӕ.