Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:40
24 Iomraidhean Croise  

Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы, уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй, тасӕфтауӕг зӕххӕй.


Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.


Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Фездахдзынӕн дӕ, де ’фсӕрыл дын бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дын ракӕндзынӕн дӕхи дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕфсад дӕр, ӕд барджытӕ ӕмӕ ӕд уӕрдонджынтӕ, тынг бирӕ ӕфсад, уе ’ппӕт дӕр алы хотыхтӕй ифтонг, уыимӕ уӕм — рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, уе ’ппӕтмӕ дӕр — кӕрдтӕ.


Фӕлӕ ды сыстдзынӕ уадау, рацӕудзынӕ саувадыг мигъау, цӕмӕй зӕхх бамбӕрзай де ’ппӕт ӕрдонгтимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц адӕмтимӕ.


Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.


Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.


Уымӕн ӕмӕ цӕгаты паддзах ногӕй, раздӕр ӕм чи уыд, уымӕй фылдӕр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ стыр ӕмӕ гӕрзифтонг тыхтимӕ хуссары паддзахмӕ бабырсдзӕн.


Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр.


Йе ’ппӕт тыхтӕ хуссары паддзахы ныхмӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ йемӕ схӕцдзӕни. Хуссары паддзах хӕстмӕ рацӕудзӕн ноджы стырдӕр ӕфсадимӕ, фӕлӕ йыл йе знаг фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕни сусӕгвӕнд.


Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.


Ӕцӕгӕлон хуыцауы ӕххуысӕй тыхджын фидӕрттӕ басӕтдзӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг кады аккаг кӕй скӕна, уыдоны лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕн, хицӕуттӕй сӕ сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сын зӕххытӕ байуардзӕн.


Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.


Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».


Зилгӕ уадау ӕрбабырстой йӕ хӕстонтӕ, цӕмӕй нӕ фесафой! Ӕнаххосы ӕвиппайды ныхъуырын уыди сӕ зӕрды — сӕ балхоны сын Ды йӕхи арцӕй ныррӕхуыстай!


Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.


Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.


Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц — уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan