Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Йӕ фыдӕлты Хуыцауы бӕсты скад кӕндзӕни фидӕрттыл аудӕг хуыцауӕн — йӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уымӕн. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон хӕзнатӕй йӕ сбуц кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:38
8 Iomraidhean Croise  

Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницӕйӕгтӕ сты. Афтӕ уарзон сын чи у, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй ницы пайда ис, уымӕн сӕхӕдӕг ӕвдисӕн. Сӕ гуымирытӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц. Уымӕ гӕсгӕ сыл худинаджы ном сбаддзӕн.


Цӕгаты паддзах кады аккаг не скӕндзӕн нӕдӕр йӕ фыдӕлты хуыцӕутты, нӕдӕр, сылгоймӕгтӕ кӕй уарзынц, уыцы хуыцауы. Иу хуыцауы дӕр нӕ нымайдзӕн, йӕхи ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.


Ӕцӕгӕлон хуыцауы ӕххуысӕй тыхджын фидӕрттӕ басӕтдзӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг кады аккаг кӕй скӕна, уыдоны лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕн, хицӕуттӕй сӕ сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сын зӕххытӕ байуардзӕн.


Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.


сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕ; лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, сырх, сӕнт сырх ӕмӕ зӕлдаг уӕфтӕгтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг; пылыстӕг, зынаргъ хъӕдӕрмӕг, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй конд алы дзауматӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan