Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Цӕгаты паддзах кады аккаг не скӕндзӕн нӕдӕр йӕ фыдӕлты хуыцӕутты, нӕдӕр, сылгоймӕгтӕ кӕй уарзынц, уыцы хуыцауы. Иу хуыцауы дӕр нӕ нымайдзӕн, йӕхи ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:37
14 Iomraidhean Croise  

Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».


Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр уыдонӕй фӕхъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ Хуыцауы ӕмсӕр суыдзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый базондзыстут».


дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау. — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!


Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай: «Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн, Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл, хуыцӕутты ’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл;


ӕврӕгъты онг ссӕудзынӕн ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцауы ӕмсӕр суыдзынӕн».


«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.


Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Йӕ фыдӕлты Хуыцауы бӕсты скад кӕндзӕни фидӕрттыл аудӕг хуыцауӕн — йӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уымӕн. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон хӕзнатӕй йӕ сбуц кӕндзӕн.


Суанг ӕфсады Фӕтӕджы ныхмӕ дӕр сыстади. Ӕрвылбон Ын нывӕндтӕ нал хастой, ӕмӕ Йӕ Кувӕндон ныззаууат ис.


уӕд се ’хсӕн рӕсугъд сылгоймаг куы фенай, дӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа ӕмӕ йӕ ракурын куы сфӕнд кӕнай,


Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan