35 Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.
Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна.
Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.
Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы.
Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ногӕй хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ балц раздӕрау ӕнтыстджын нӕ уыдзӕни.
Адӕмы ’хсӕн куырыхон чи уа, уыдон бирӕты раст фӕндагмӕ здахдзысты, фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕфхӕрд ӕййафдзысты: кардӕй сӕ мардзысты, арты сӕ судздзысты, уацары сӕ кӕндзысты, сӕ мулк сын исдзысты.
Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.
Куырыхонтӕ сӕуӕхсидау ныррухс уыдзысты ӕмӕ, адӕмы раст фӕндагмӕ чи раздӕхта, уыдон ӕнусмӕ стъалытау цӕхӕр калдзысты.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
Ӕмӕ схӕццӕ уӕларвон ӕфсады онг. Уымӕн йӕ иу хай, стӕй стъалыты хай зӕхмӕ раппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын бассӕста.
Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».
«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ.
Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».
Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.
Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлы фӕдтӕ куынӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмттыл куынӕ авӕрон, мӕ къух та — Йӕ фарсы хъӕдгомыл, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».
Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науыл ацыдысты Пафӕй ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн уыдонӕй фӕхицӕн ӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ.
Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.
Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,
Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты».
Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты нывӕрдта Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын — хъуамӕ уой ӕмзонд ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ сӕ паддзахы бартӕ раттой сырдмӕ.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.