29 Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ногӕй хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ балц раздӕрау ӕнтыстджын нӕ уыдзӕни.
Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.
Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.
Ног паддзах ӕндӕр адӕмтӕй йӕхицӕн цӕдисонтӕ скӕндзӕн ӕмӕ сыл хинӕй цӕудзӕн. Кӕд йӕ хъузӕттӕ бирӕ нӕ уыдзысты, уӕддӕр йӕ бынаты ӕрфидар уыдзӕн.
Йе ’ппӕт тыхтӕ хуссары паддзахы ныхмӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ йемӕ схӕцдзӕни. Хуссары паддзах хӕстмӕ рацӕудзӕн ноджы стырдӕр ӕфсадимӕ, фӕлӕ йыл йе знаг фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕни сусӕгвӕнд.
Цӕгаты паддзах стыр тӕлӕтимӕ йӕхи бӕстӕм раздӕхдзӕн. Фӕндагыл Уаз Фидыды ныхмӕ тох кӕнын сфӕнд кӕндзӕн. Йӕ фыдбылызы фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕзындзысты киттимаг наутӕ, ӕмӕ паддзах фыр тӕссӕй фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Уаз Фидыды ныхмӕ сыстдзӕн ӕмӕ стыр тохы бацӕудзӕн. Уаз Фидыдыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны майдантӕ ӕмӕ лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕни.
«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ.
Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.
Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕст дарджыты дӕлбар.