Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Цӕгаты паддзах стыр тӕлӕтимӕ йӕхи бӕстӕм раздӕхдзӕн. Фӕндагыл Уаз Фидыды ныхмӕ тох кӕнын сфӕнд кӕндзӕн. Йӕ фыдбылызы фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:28
7 Iomraidhean Croise  

Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр.


Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы.


Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ногӕй хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ балц раздӕрау ӕнтыстджын нӕ уыдзӕни.


Уыдӕттӕ йын куы бантысти, уӕд уӕларвон ӕфсадӕй хынджылӕггаг сарӕзта, Ӕцӕгад афӕлдӕхта зӕххыл, йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты.


Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты.


Сымах та пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ стут. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ. Уый загъта Авраамӕн: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan