Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йе ’ппӕт тыхтӕ хуссары паддзахы ныхмӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ йемӕ схӕцдзӕни. Хуссары паддзах хӕстмӕ рацӕудзӕн ноджы стырдӕр ӕфсадимӕ, фӕлӕ йыл йе знаг фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕни сусӕгвӕнд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:25
6 Iomraidhean Croise  

Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.


Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.


Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.


Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.


Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.


Уыцы заман стыхджын уыдзӕни хуссары паддзах, фӕлӕ йе ’фсады балхонтӕй иу йӕхицӕй тыхджындӕр суыдзӕн ӕмӕ ноджы уӕрӕхдӕр зӕххытӕ бацахсдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan