Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм бабырсдзӕн ӕмӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ кӕй нӕ кодтой, ахӕм фыдбылызтӕ сараздзӕн. Тыхтонайӕ цыдӕриддӕр байса, уыдон йӕ фӕсдзӕуинты ’хсӕн ӕнӕвгъауӕй уардзӕн ӕмӕ йе знӕгты фидӕртты ныхмӕ тох кӕндзӕн, фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр бӕлвырд ӕмгъуыдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:24
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.


Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.


Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уыцы заман дӕм фӕзындзӕни сау хъуыдытӕ, фыдвӕндтӕ.


Ног паддзах ӕндӕр адӕмтӕй йӕхицӕн цӕдисонтӕ скӕндзӕн ӕмӕ сыл хинӕй цӕудзӕн. Кӕд йӕ хъузӕттӕ бирӕ нӕ уыдзысты, уӕддӕр йӕ бынаты ӕрфидар уыдзӕн.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?


Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?


Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan