23 Ног паддзах ӕндӕр адӕмтӕй йӕхицӕн цӕдисонтӕ скӕндзӕн ӕмӕ сыл хинӕй цӕудзӕн. Кӕд йӕ хъузӕттӕ бирӕ нӕ уыдзысты, уӕддӕр йӕ бынаты ӕрфидар уыдзӕн.
Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.
Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у, рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.
Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр.
Ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм бабырсдзӕн ӕмӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ кӕй нӕ кодтой, ахӕм фыдбылызтӕ сараздзӕн. Тыхтонайӕ цыдӕриддӕр байса, уыдон йӕ фӕсдзӕуинты ’хсӕн ӕнӕвгъауӕй уардзӕн ӕмӕ йе знӕгты фидӕртты ныхмӕ тох кӕндзӕн, фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр бӕлвырд ӕмгъуыдмӕ.
Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты.
Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн.
Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;
Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.
Фыдгӕнӕджы ӕрцыд сайтаны арӕзт хъуыддаг у, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн алыхуызон бӕлвырд нысантӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгты руаджы.