21 Йӕ бынат ын иу ӕнаккаг паддзах бацахсдзӕн, ӕппындӕр ӕм ницы бартӕ уыдзӕн, афтӕмӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындзӕн ӕмӕ козбау миты фӕрцы паддзахад бацахсдзӕн.
Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
Ӕдылыдзӕфӕй, кадджын у, зӕгъгӕ, нал дзурдзысты фӕлитойы нал хондзысты ӕууӕнкджын.
Йӕ фӕстӕ цы паддзах фӕзындзӕн, уый намысджын паддзахадыл хъалонисӕджы ӕрзилын кӕндзӕн, фӕлӕ та уымӕн дӕр цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ ӕргомӕй кӕнӕ хӕсты быдыры нӕ амардзысты.
Фидыдыл гадзрахатӕй чи рацӕуа, уыдоны паддзах козбау миты фӕрцы фӕсайдзӕн, фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи нӕ ферох кодта, уыдон ӕхсарджынӕй йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты.
Се ’фхӕрды заман иу чысыл ӕххуыс райсдзысты, бирӕтӕ сӕм цӕстмӕ сӕхи ӕрбаввахс кӕндзысты.
Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн.
Паддзах, ды дӕ фыны федтай егъау ӕмӕ фидар бӕлас. Йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.
Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.
Сӕ кӕрон куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ уой, уӕд фӕзындзӕни цъаммар ӕмӕ мӕнгард паддзах.
Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн.
Сыкъатӕй иуыл разади гыццыл сыкъа, уый фӕстӕ бӕлвырд фестырдӕр, аххӕссыд хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм.
Ниневи, дӕуӕн та Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн: дӕ мыггаг дын сыскъуындзынӕн. Дӕ хуыцауы хӕдзары цы джиппыуагъд хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ гуымирытӕ ис, уыдон дын ныззыгуым кӕндзынӕн, дӕу та, ницӕйаджы, ингӕны хай бакӕндзынӕн.
Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.