Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йӕ фӕстӕ цы паддзах фӕзындзӕн, уый намысджын паддзахадыл хъалонисӕджы ӕрзилын кӕндзӕн, фӕлӕ та уымӕн дӕр цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ ӕргомӕй кӕнӕ хӕсты быдыры нӕ амардзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:20
7 Iomraidhean Croise  

Иоаким йӕ бӕстӕйы адӕмӕй алкӕмӕй дӕр, йӕ исбон кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ фараонӕн ӕмбырд кодта хъалон, уый йӕхӕдӕг цас домдта, уый бӕрц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй.


уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ ’взӕры, фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы, маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.


Ӕрхуыйы бӕсты дӕ ифтонг кӕндзынӕн сыгъзӕринӕй, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзистӕй, хъӕдӕрмӕджы бӕсты — ӕрхуыйӕ, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнагӕй, дӕ хицау суыдзӕни рӕстад.


Йӕ бынат ын иу ӕнаккаг паддзах бацахсдзӕн, ӕппындӕр ӕм ницы бартӕ уыдзӕн, афтӕмӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындзӕн ӕмӕ козбау миты фӕрцы паддзахад бацахсдзӕн.


Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan