19 Ӕмӕ уӕд йӕхи бӕстӕйы фидӕрттӕ басӕттынмӕ раздӕхдзӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.
Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.
Ӕнӕ рафӕрс-бафӕрсӕй ныддӕрӕн кӕны тыхджынты ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕндӕрты сӕвӕры.
Куы Дӕм дзыназон, мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон, уӕд-иу мын айс мӕ куывд!
Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.
Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был.
Дӕуӕй скӕндзынӕн фыд азары цӕвиттон. Агурдзысты ма дӕ, фӕлӕ дӕ мыггагмӕ дӕр нал ссардзысты», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн.