Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый фӕстӕ йе ’ргом сакъадӕхты ’рдӕм сараздзӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ бацахсдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕфсады хицау басӕтдзӕн, уый ныхмӕ хӕцын йӕ бон нал суыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:18
10 Iomraidhean Croise  

Паддзах Ксеркс снысан кодта ног хъалон — денджызгӕрон зӕххытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ зӕххытӕн дӕр.


Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.


Ацӕут-ма киттимӕгты сакъадӕхтӕм ӕмӕ фенут, басгарут-ма Кедары зӕхх ӕмӕ базонут, цымӕ ацы зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, ахӕмтӕ искуы ’рцыди?


О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн».


башайнаг тулдзӕй дын донфыййӕгтӕ скодтой, тӕрс бӕласӕй дын сарӕзтой дӕ бандӕттӕ, сфӕлыстой дӕ киттимаг пылыстӕгӕй.


Ефрем тынг смӕсты кодта Дунедарӕджы йӕхимӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг, цы туг ныккалдта, уый тыххӕй аккаг фӕуыдзӕни, фидиссаг ӕй фӕкӕндзӕн.


Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan