Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 ӕгас паддзахад басӕттын сфӕнд кӕндзӕн. Йе знагимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ паддзахады хъомыс басӕтта, уый тыххӕй йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ йӕ фӕнд нӕ сӕххӕст уыдзӕн, йӕхицӕн дзы ӕппындӕр ницы спайда кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:17
15 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман Арамы паддзах Хазаел Гаты сахары ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та сфӕнд кодта Йерусалиммӕ бабырсын.


Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста.


Уӕдӕ райхъал у, мӕ уд, райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр! Ӕз хуры дӕр райхъал кӕндзынӕн!


Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.


Фараон йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмимӕ йӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзӕн, бирӕты ныццӕгъдыны охыл ууыл ӕрхъула кӕнынӕн сыджытбыру куы самадӕуа ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг куы сарӕзтӕуа, уӕд.


«Адӕймаджы фырт! Аммонӕгты ныхмӕ де ’ргом сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.


Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.


Де ’ргом ӕмӕ дӕ дысфӕлдӕхт къух ӕрхъулагонд Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.


Ӕмӕ уӕд йӕхи бӕстӕйы фидӕрттӕ басӕттынмӕ раздӕхдзӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Иууылдӕр стигъынмӕ фесты, ӕхсидгӕ зилгӕ дымгӕйау размӕ бырсынц ӕмӕ уацайрӕгты змисау ӕмбырд кӕнынц.


Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.


Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у. Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.


Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan