Даниил 11:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст16 Ӕрбабырсӕг паддзах, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, ӕрфидар уыдзӕн алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕйы, алцыдӕр уыдзӕни йӕ дӕлбар. Никӕй бон уыдзӕн йӕ ныхмӕ хӕцын, Faic an caibideil |
Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.