Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Цӕгаты паддзах дӕр та ногӕй ӕрбабырсдзӕн, сыджытрагъ саразын кӕндзӕн ӕмӕ сахары фидар бацахсдзӕн. Хуссары тыхтӕ саст ӕрцӕудзысты, хуыздӕр хӕстонтӕй дӕр ничи фервӕздзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:15
11 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:


Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.


Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Фараон йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмимӕ йӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзӕн, бирӕты ныццӕгъдыны охыл ууыл ӕрхъула кӕнынӕн сыджытбыру куы самадӕуа ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг куы сарӕзтӕуа, уӕд.


Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.


Уыцы заман хуссары паддзахы ныхмӕ бирӕтӕ сыстдзысты. Дӕ адӕмӕй дӕр нӕрӕмон чи разына, уыдон йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, цӕмӕй, рагацау цы загъдӕуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст уой, фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтдзӕн.


Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хуссары паддзах цӕгаты паддзахимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ чызгӕн йӕ цард нывыл нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фыды фӕндтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хуссары паддзахы чызджы, йӕ фыды, йӕ мой ӕмӕ йӕ сывӕллоны, стӕй ус-паддзахы бынат кӕй фӕрцы бацахста, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардзысты.


Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.


Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan