Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уымӕн ӕмӕ цӕгаты паддзах ногӕй, раздӕр ӕм чи уыд, уымӕй фылдӕр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ стыр ӕмӕ гӕрзифтонг тыхтимӕ хуссары паддзахмӕ бабырсдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:13
6 Iomraidhean Croise  

Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Уыцы заман хуссары паддзахы ныхмӕ бирӕтӕ сыстдзысты. Дӕ адӕмӕй дӕр нӕрӕмон чи разына, уыдон йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, цӕмӕй, рагацау цы загъдӕуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст уой, фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтдзӕн.


Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.


Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».


Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил иу цасдӕр фыр дисӕй ницыуал сдзырдта. Фыр тӕссӕй хъуыдыты аныгъуылди. Уӕд ын паддзах загъта: „Белтешацар! Мӕ фын цӕмӕфӕнды рацӕуӕд, тӕрсгӕ ма кӕн“. Белтешацар ын дзуапп радта: „Мӕ хицау! Ахӕм фын дӕ фыдгултӕ фенӕнт, ӕмӕ уыцы фыдбылызтӕ уыдоныл ӕрцӕуӕнт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan