Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 11:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 11:11
13 Iomraidhean Croise  

Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Ныр уын Ӕз уӕ зӕххытӕ иууылдӕр дӕттын Мӕ цагъары, вавилойнаг паддзах Навуходоносоры, къухмӕ. Суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр йӕ дӕлбар бакӕндзынӕн.


Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.


Скӕсӕн ӕмӕ цӕгатӕй цы хабӕрттӕ фехъусдзӕн, уыдон ыл стыр тас бафтаудзысты. Фыр мӕстӕй пиллон артау ссудздзӕн ӕмӕ йе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕудзӕн.


Уыцы заман стыхджын уыдзӕни хуссары паддзах, фӕлӕ йе ’фсады балхонтӕй иу йӕхицӕй тыхджындӕр суыдзӕн ӕмӕ ноджы уӕрӕхдӕр зӕххытӕ бацахсдзӕн.


ӕгас дунейы дӕ адӕм, зӕххон сырдтӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕн хицау скодта. Сыгъзӕрин сӕр ды дӕ!


Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan