Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йӕ хъӕлӕс ын куы фехъуыстон, уӕд бауадзыг дӕн ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 10:9
11 Iomraidhean Croise  

Хур ӕрныгуылыны афон Аврам тарф фынӕй баци; ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг ис.


Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамыл бафтыдта тарф фынӕй. Куы бафынӕй ис, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ фӕрсчы бынат сӕхгӕдта буарӕй.


Фыны, ӕхсӕвыгон тарф фынӕй куы бавӕййы адӕймаг йӕ хуыссӕны,


Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй


— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».


Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.


Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:


Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.


Куывд куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ фыр мӕтӕй сӕ тых басасти.


Петр ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттыл хуыссӕг фӕтых ис. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы кад ӕмӕ ма дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ.


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan