17 Дӕ цагъар йеддӕмӕ куы ницы дӕн, уӕд мӕ бон демӕ дзурын куыд суыдзӕн? Мӕ тых фесӕфти, мӕ бон улӕфын дӕр нал у».
Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».
Ноджы ма загъта: «Мӕ цӕсгоммӕ ӕрбакӕсын дӕ бон не суыдзӕн. Мӕн фенӕг адӕймагӕн удӕгасӕй баззайӕн нӕй.
Ӕз иунӕгӕй аззадтӕн ӕмӕ уыцы диссагӕй мӕ цӕстытӕ нал истон. Мӕ хъару ӕрбайсӕфт, мӕ цӕсгомы хуызы цъыртт нал баззад.
Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.
Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!»