Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 10:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 10:16
29 Iomraidhean Croise  

Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы».


«О Бардарӕг! — загъта Моисей. — Дӕ хорзӕхӕй, ӕндӕр искӕй арвит».


Уымӕн ӕмӕ адӕймаг цас куырыхондӕр кӕны, уыйас йӕ маст арфдӕр кӕны, ӕмӕ йӕ зондыл цас фылдӕр ӕфтауы, уыйас тынгдӕр — йӕ рыст.


Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».


Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.


Сӕ сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый уӕлӕ уыди цыдӕр, сапфиртӕй конд паддзахы бадӕны ӕнгӕс, йӕ уӕлӕ та бадти чидӕр, адӕймаджы хуызӕн.


Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?»


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Ӕз, Даниил, катайы бацыдтӕн — стыр тас мыл бафтыдтой уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Ӕз, Даниил, уыцы цӕстылуайӕн куы федтон, уӕд йӕ бамбарыныл архайдтон. Ӕвиппайды мӕ разы чидӕр адӕймаджы хуызы февзӕрди.


Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».


Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:


Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн.


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Ӕмӕ уӕд Фома ныхъхъӕр кодта: «Мӕ Бардарӕг ӕмӕ Мӕ Хуыцау!»


Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»


ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.


Уӕд Маноах Дунедарӕгмӕ скуывта: «Дунедарӕг! Хуыцауы минӕвары ма нӕм ногӕй ӕрӕрвит ӕмӕ нын, цы саби райгуырдзӕн, уымӕн цы кӕнгӕ у, уый бамбарын кӕна».


Гедеон ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, кӕд Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр немӕ ис, уӕд ныл ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Нӕ фыдӕлтӕ-иу Дунедарӕджы диссӕгты кой арӕх ракодтой. Кӕм сты ныр Йӕ уыцы диссӕгтӕ? Афтӕ-иу нын куы дзырдтой, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй ракодта, зӕгъгӕ. Ныр нӕ Дунедарӕг мидианӕгты къухмӕ куы радта!»


Гедеон Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, ӕмӕ ӕз Израилы куыд фервӕзын кӕндзынӕн? Мӕ мыггагӕй мӕгуырдӕр Менассиайы хӕдзарвӕндаджы куы нӕй, стӕй мӕ бинонты ’хсӕн дӕр се ’ппӕты кӕстӕр ӕз куы дӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan