Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Мемӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕз мӕ цӕстытӕ зӕххӕй нал истон ӕмӕ уыдтӕн ӕдзӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 10:15
6 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыцы бон лигъдоны раз байгом уыдзӕн дӕ дзых ӕмӕ райдайдзынӕ дзурын — нал уыдзынӕ ӕгомыг. Ды сын суыдзынӕ нысан, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Йӕ хъӕлӕс ын куы фехъуыстон, уӕд бауадзыг дӕн ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн.


Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:


Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan