14 Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у».
Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.
Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.
«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм дзурынц дӕуӕй: „Цы цӕстылуайӕн федта, уый сӕххӕст уыдзӕн дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ, пехуымпариуӕг дард фидӕны тыххӕй кӕны“.
Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.
Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.
Фӕлӕ уӕлӕрвты ис сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ Уый паддзах Навуходоносорӕн раргом кодта, рӕстӕджы кӕрон цы ӕрцӕудзӕнис, уыдӕттӕ.
Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».
Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты».
Уый мын райдыдта амонын: «Даниил, ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, цы нӕ зоныс, уыдӕттӕ бамбарын кӕнон.
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.
Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».
Ныр та мӕ бӕстӕм здӕхын. Хӕстӕгдӕр ӕрбацу, ӕмӕ дын зӕгъон, ацы адӕм сомбон дӕ адӕмӕн цы бакӕндзысты, уый».
Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».
Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут».
Искуы уыл фидӕны уынгӕг рӕстӕг куы скӕна ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ куы бавзарат, уӕд раздӕхдзыстут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын фехъусдзыстут Йӕ хъӕлӕс.
Зон уӕдӕ: рӕстӕджыты кӕрон ралӕудзӕн уӕззау заман.
уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.