Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 10:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Зӕд мын загъта: «Даниил, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы! Сыст ӕмӕ лӕмбынӕг байхъус мӕ ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр дӕумӕ ӕрвыст дӕн». Куы мӕм сдзырдта, уӕд сыстадтӕн, фыр тӕссӕй зыр-зыр кодтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 10:11
15 Iomraidhean Croise  

Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы, рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй.


Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.


дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау. — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ахӕм уыди, Дунедарӕджы кады хуызӕг кӕм раргом, уыцы цӕстылуайӕн. Уый фенгӕйӕ, зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ фехъуыстон кӕйдӕр хъӕлӕс. Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дзурдзынӕн демӕ».


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».


хӕрзад хӕринӕгтӕ нӕ хордтон, дзидза ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, стӕй ӕртӕ къуырийы мӕ сӕр сойӕ дӕр нӕ байсӕрстон.


Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй куы рацыдысты, уӕд згъорынмӕ фесты. Фыр адӕргӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты.


Йесойӕн Йӕ уарзон ахуыргӕнинаг бадти Йӕ фарсмӕ,


Петр фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы федта сӕ фӕдыл цӕугӕ. Уый уыди уыцы ахуыргӕнинаг, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи бакъул кодта ӕмӕ Йӕ афтӕ чи бафарста: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?»


Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн.


Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan