10 Уӕд мӕ кӕйдӕр къух фелвӕста ӕмӕ мӕ ныууыгъта — мӕ зонгуытыл февзӕрдтӕн, мӕ къухтӕй зӕххыл ӕнцой кодтон, афтӕмӕй.
Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.
Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.
Мӕ разы нӕлгоймаджы хуызы чи февзӕрд, уый та мыл ногӕй андзӕвыд, ӕмӕ фӕхъӕддыхдӕр дӕн.
Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:
Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.
Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,