Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 10:1
28 Iomraidhean Croise  

Фараон уыцы иу фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та амоны, Хуыцауӕн Йӕ уынаффӕ ӕнӕивгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕни, уый.


Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:


Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Фӕлӕ сын Зоровавел, Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты иннӕ хистӕртӕ загътой, махӕн, дам, уемӕ аразгӕ нӕу хӕдзар нӕ Хуыцауӕн. Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, мах нӕхӕдӕг сараздзыстӕм хӕдзар, Персы паддзах Кир нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Цӕмӕй хъуыддагӕй мацы рауайа, уый тыххӕй уынаффӕгӕнджытӕн гӕртӕмттӕ лӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой, Кир Персы паддзах куы уыди, уӕд. Афтӕ кодтой Дарийы паддзахиуӕджы райдайӕны онг.


Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Паддзах куы сси, уымӕн йӕ фыццаг аз Кир бардзырд радта Йерусалимы Хуыцауы хӕдзары тыххӕй: нывӕндтӕ кӕм хӕссынц, уыцы ран ын бындур ӕвӕрд ӕрцӕуӕд, ӕмӕ дзы сырӕзӕд. Йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ уӕрх уӕнт фӕйнӕ ӕртиссӕдз ӕлмӕрины.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Даниил паддзахы галуаны лӕггад кодта, цалынмӕ Кир Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси, уӕдмӕ.


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у».


Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


Паддзах Белтешацар кӕй схуыдта, уыцы Даниил хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй, йӕ бон уыди фынтӕ райхалын, ӕмбарын кодта сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр равзӕрста. Паддзах Белтешацар кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Даниилмӕ фӕдзурын кӕн, ӕмӕ дын уый ацы фысты нысаниуӕг зӕгъдзӕн».


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.


Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.


Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».


Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты».


Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ».


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan