9 Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ,
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.
Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной.
Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)
Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».
Естер Хегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ, уымӕй уӕлдай цы ’мбӕлди, уыдон раттыныл фӕстиат нӕ фӕкодта. Галуаны унӕуттӕй йын авды лӕггадгӕнӕг скодта ӕмӕ йӕ семӕ сылгоймӕгты хатӕны дзӕбӕхдӕр ран ӕрцӕрын кодта.
Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.
Уымӕн нӕу мӕгуыр лӕг ӕнӕныфс, уымӕн ӕрцӕуы ӕхгӕд мӕнгард ком.
О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ номыл? Кӕдмӕ уын уыдзысты адджын мӕнг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕливӕнтӕ?
Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.
фӕлӕ уӕддӕр не сразы ис: «Ӕз тӕрсын мӕ хицауӕй, паддзахӕй. Цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, уый уын йӕхӕдӕг равзӕрста, ӕмӕ паддзах, уе ’мгӕрттӕй фӕфыдхуыздӕр стут, уый куы бафиппайа, уӕд мын мӕ сӕр акъуырдзӕн».
ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.