8 Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ.
Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.
Фӕлӕ сӕ тыхсты Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.
Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы.
йӕ мондаггӕнӕнтӕм ын ма сцыбӕл у, уымӕн ӕмӕ уыцы хойраг мӕнг у.
Навуходоносор бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕрвылбон, паддзахы фынгыл цы хӕрд ӕмӕ нозт вӕййы, уыдонӕй ӕфсадой. Хъуамӕ сӕ ӕртӕ азы фӕцахуыр кодтаиккой, ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.
Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.
Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].
Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта ӕмӕ йӕ уыцы фӕнд аивыны хъуыды кӕмӕ нӕй, уый раст кӕны.
Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.
Сӕ нывӕндты фиу ӕмӕ сын-иу сӕ кувинаг сӕнӕй чи ацахуыста, уыдон? Ӕххуысмӕ уӕм растӕнт ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕнӕнт, уыдон рахӕцӕнт уӕ сӕрыл!“