7 Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.
Фараон Йосефыл сӕвӕрдта ном Цафнат-Панеах. Усӕн ын радта Аснаты, Оны сауджын Поти-Перы чызджы. Ӕмӕ афтӕмӕй Йосеф сси ӕгас Мысыры хицау.
Фараон Иудейӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидт йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Ныр Иоахазы та атардта Мысырмӕ, ӕмӕ уый уым амардис.
Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.
Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.
Паддзах Навуходоносор йӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр Ашпеназӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилаг уӕздӕтты ’хсӕн равзара
Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.
Уӕд паддзах, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилы бафарста: «Дӕуӕн дӕ бон ӕцӕг у мӕ фын радзурын ӕмӕ, цы амоны, уый зӕгъын?»
Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.
Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:
Паддзах Белтешацар кӕй схуыдта, уыцы Даниил хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй, йӕ бон уыди фынтӕ райхалын, ӕмбарын кодта сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр равзӕрста. Паддзах Белтешацар кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Даниилмӕ фӕдзурын кӕн, ӕмӕ дын уый ацы фысты нысаниуӕг зӕгъдзӕн».