Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 1:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 1:20
25 Iomraidhean Croise  

уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Сӕ фарсмӕ цӕрӕг иудейӕгтӕ нӕм алы рӕттӕй иу-дӕс хатты ӕрбацыдысты ӕмӕ нын загътой, кӕцырдыгӕйты нӕм лӕбурынвӕнд кӕнынц, уый.


Ныридӕгӕн мӕ иу-дӕс хатты уӕ уайдзӕфты бын фӕкодтат ӕмӕ уӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы.


Фӕлӕ Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕн дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы сӕ бон афтӕ бакӕнын баци, ӕмӕ та уӕд фараон ныддур кодта йӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.


Уӕд Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы Мысыры зӕхх галхӕфсытӕй байдзаг кодтой.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Куырыхонты амарыны бардзырд куы рацыд, уӕд Даниил ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ касти мӕлӕт.


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan