18 Ӕртӕ азы фӕстӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр израилаг лӕппуты иууылдӕр Навуходоносоры размӕ ӕрбакодта.
Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.
Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.
Навуходоносор бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕрвылбон, паддзахы фынгыл цы хӕрд ӕмӕ нозт вӕййы, уыдонӕй ӕфсадой. Хъуамӕ сӕ ӕртӕ азы фӕцахуыр кодтаиккой, ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.
Уӕд Даниил паддзахмӕ бацыд ӕмӕ фын райхалынӕн рӕстӕг ракуырдта.