Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 «Дӕ хорзӕхӕй, бафӕлвар дӕ цагъарты. Дӕс боны нын дон ӕмӕ халсартӕ йеддӕмӕ мацы ратт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 1:12
7 Iomraidhean Croise  

Уӕд Даниил бахатыд, лӕггадгӕнджыты хистӕры амындмӕ гӕсгӕ, Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариамӕ йӕ цӕст чи дардта, уыцы лӕгмӕ:


Уый фӕстӕ-иу бакӕс, паддзахы фынгӕй чи хордта, уыцы лӕппутӕм ӕмӕ махмӕ. Дӕ цагъартӕ стӕм мах, цы фенай, уымӕ гӕсгӕ нын-иу стӕрхон кӕн».


Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын-иу цӕстдарӕг сӕ хӕринаг ӕмӕ сӕ нозт фӕстӕмӕ ахаста, лӕвӕрдта сын ӕрмӕстдӕр халсартӕ.


Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan