1 Паддзах Иоаким ӕртыккаг аз паддзахиуӕг кодта иудейаг бӕстӕйы. Уыцы заман ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодта.
Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Зевудда уыди Румайаг Педаиайы чызг.
Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.
Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».
Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд вавилойнаг паддзах Навуходоносоры хицаудзинадыл цыди фыццаг аз. Уыцы заман пехуымпар Йеремиайӕн раргом ис ӕппӕт иудейӕгты фидӕн, ӕмӕ Йеремиа ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн фехъусын кодта:
Иудейаг паддзах, Иосиайы фырт Иоакимы паддзахиуӕджы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».
Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:
Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты фехъусын кодта Вавилоны, халдейӕгты зӕххы, фидӕн:
Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.
Навуходоносор йӕ хицаудзинады ӕвдӕм аз уацары райста ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ иудейаджы,
Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?