Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аввакум 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аввакум 3:2
45 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ нын чысыл фӕстӕдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодта, кӕйдӕрты нӕ мӕлӕтӕй бахызта ӕмӕ нӕ Йӕ рухс хӕдзары цур ӕрцӕрын кодта. Нӕ цӕстытӕй нӕ ракӕсын кодта ӕмӕ нын нӕ цагъары уавӕры дӕр иу чысыл нӕхиуыл схӕцыны фадат радта.


Нырмӕ Дын ӕрмӕст Дӕ кой хъуыстон, ныр та Дӕ мӕ цӕстӕй уынын.


Ӕназымы нысанӕн-иу ӕрӕхсдзынӕн мӕ къухтӕ, Дӕ нывондхӕссӕны алыварс-иу ӕрзилдзынӕн, о Дунедарӕг.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Давиды псалом.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.


Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!


Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?


Мӕ маст дӕм куы ссыгъди, уӕд дыл Мӕхи атигъ кодтон, фӕлӕ дын ныр мыггагмӕ ныббардзынӕн. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг.


Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн!


О, адӕмты Паддзах, чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй! Кады аккаг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ! Ӕппӕт паддзахӕдты, адӕмты ӕппӕт куырыхонты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал нӕй!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Хъизӕмар нын бавзарын кодта, фӕлӕ та ныббардзӕнис: ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх!


Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».


Пехуымпар Аввакумы куывд-хъарӕг.


Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.


Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»


Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.


Фӕлӕ се ’ппӕт Фарны Уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исайа зӕгъы: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?»


Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


Ӕмӕ, цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыр тӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд».


Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan