1 Гӕнахы сӕрыл хъалагъур лӕууын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг мын цы зӕгъдзӕни, мӕ хъастӕн мын цы дзуапп ратдзӕни, уымӕ.
Уыцы сахат Давид бадти сахармӕ бацӕуӕны, ӕддаг къулӕй мидӕггаг къулы ’хсӕн. Хъалагъур кулдуары сисы сӕр уӕлхӕдзармӕ схызти ӕмӕ уым дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта. Кӕсы, ӕмӕ дын уӕртӕ иу лӕг иунӕгӕй ӕрбазгъоры.
Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы нӕ уыд, уыдӕттӕ кодтой, се ’ппӕт сахарты, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй фидаргонд сахарты онг, кувӕн къуыбыртӕ арӕзтой сӕхицӕн.
Хъалагъур Изреелы мӕсыджы сӕрӕй ауыдта, Йегуйы ӕфсӕдтӕ куыд ӕрбабырсынц, уый, ӕмӕ паддзахӕн фехъусын кодта: «Бирӕ ӕфсад ӕрбацӕуы». Йорам ын загъта: «Иу бӕхджыны сӕм арвит ӕмӕ, цы хабар ӕрбахастой, уымӕй сӕ бафӕрсӕд».
О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.
Мӕ алы къахдзӕф дӕр Хуыцауӕн раргом кӕнин, Йӕ размӕ рацӕуин ӕлдарау.
О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!
О Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон никӕмӕн бантысдзысты!
Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.
Фынг ӕрӕвӕрдтой, гауызтӕ ӕрытыдтой ӕмӕ минас кӕнынц. Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд: «Сыстут, барджынтӕ, байсӕрдут уӕ уартытӕ!»
Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕ ӕмӕ хъалагъур сӕвӕр — цы уына, уый-иу хъусын кӕнӕд.
Ӕмӕ хъалагъур домбайы рыхт ныккодта: «О Дунедарӕг! Ӕгас бон фӕдардтон мӕ хъус, ӕрвылӕхсӕв хъалагъур лӕууыдтӕн,
«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“.
«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.
Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй, ӕмӕ ды хъусдзынӕ Мӕ ныхас ӕмӕ сӕ рагацау фӕдзӕхсдзынӕ Мӕ номӕй.
Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ сымах, Чырысти мӕ дзыхӕй дзуры ӕви нӕ, уымӕн исты ӕвдисӕйнӕгтӕ домут. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе ’хсӕн.
мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.