Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аввакум 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аввакум 1:8
17 Iomraidhean Croise  

Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц, цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ.


Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕргӕс йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Моавы сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ базыртӕ.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!


Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.


«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.


Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта.


Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл.


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Ассирийы паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонтӕм сиды, фӕкӕлфӕкӕлгӕнгӕ, фезгъорынц. Сахары систӕм сбырыдысты, фӕлӕ ныридӕгӕн сӕ разы знаджы гӕнӕхтӕ сырӕзтысты.


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.


Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕни, Бардарӕг?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты холыхор сынтытӕ дӕр».


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan