Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Аввакум 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 О Дунедарӕг! Кӕдмӕ Дӕм сидон ӕз ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ фехъусай? Фӕдисхъӕр Дӕм кӕдмӕ кӕнон, тыхгӕнӕгӕй кӕд фервӕзын кӕндзынӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Аввакум 1:2
10 Iomraidhean Croise  

Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.


Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд.


уымӕн ӕмӕ Стыр Хуыцау у Дунедарӕг — ӕппӕт хуыцӕутты Стыр Паддзах.


Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ? О Дунедарӕг, не ’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!


Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.


Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan