9 Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты.
Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Кеназ.
Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманӕгты бӕстаг Хушам.
Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.
Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.
Цӕргӕс стӕхдзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Боцрайы сӕрмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн. Уыцы бон Едомы гуыппырсартӕ арӕг устытау нырриздзысты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.
Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.
Уӕ хъӕбатыртӕн се ’ппӕты ӕхсарджындӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй лидздзӕнис, — зӕгъы Дунедарӕг.
Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.
Давджытӕ кӕнӕ дӕм ӕхсӕвы абырджытӕ фӕзындысты, мыййаг? Гӕныстонмӕ куы ’рцыдтӕ. Сӕнӕфсир тонджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, уӕд ма дӕм уыдон дӕр цалдӕр гагайы, ау, нӕ ныууагътаиккой?
Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.
Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.
семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.