Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:8
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ: Хуыцауы тас кӕй ис, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.


Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Фараоны куырыхонтӕ, йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ, ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц. Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты байзӕддаг схонын?


Цы фесты, фараон, дӕ куырыхонтӕ? Зӕгъӕнт-ма дын уӕдӕ ӕмӕ базонӕнт, Уӕларвӕфсады Бардарӕг Мысырӕн цы тӕрхон рахаста, уый!


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan