Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дӕ цӕдисонтӕ дӕ расурдзысты дӕ зӕххы арӕнтӕй, гадзрахатӕй дыл рацӕудзысты; демӕ хӕларӕй чи царди, уыдон дӕ басӕтдзысты. Дӕ къӕбӕр дын чи хӕры, уыдон дӕ чъылдымӕрдыгӕй ныццӕвдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Йӕ сӕрызонд фӕлыгъди бынтондӕр!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:7
16 Iomraidhean Croise  

Ӕз зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн: «Цӕмӕн мӕ ферох кодтай? Цӕмӕн мӕ уадзыс ме знагӕн ӕфхӕрын, кӕугӕйӕ цӕмӕн ӕрвитын мӕ бонтӕ?»


Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!


иудейаг паддзахы галуаны ма цы сылгоймӕгтӕ баззад, уыдоны вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм акӕндзысты, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ дзурдзысты: „Де ’рдхӕрдтӕ дыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ дыл фӕуӕлахиз сты. Ныр цъымарайы куы ныссагъдтӕ, уӕд та лидзӕг фесты“.


О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


Йӕ арын афон ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕ сывӕллон у, ӕмӕ йын не ’нтысы ныййарын.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan