Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Давджытӕ кӕнӕ дӕм ӕхсӕвы абырджытӕ фӕзындысты, мыййаг? Гӕныстонмӕ куы ’рцыдтӕ. Сӕнӕфсир тонджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, уӕд ма дӕм уыдон дӕр цалдӕр гагайы, ау, нӕ ныууагътаиккой?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:5
13 Iomraidhean Croise  

«Дӕ фидауц, Израил, дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт. Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ.


Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!


Израилы адӕм скуынӕг уыдзысты, оливӕ бӕлас куы ’рцӕгъдынц, уӕд ма йӕ цъуппыл дыууӕ-ӕртӕ, йӕ бинаг къалиутыл иугай гагатӕ куыд аззайы, уыйау, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы ’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы ’ртонынц, уый хуызӕн.


Сӕнӕфсиртонджытӕ дӕм куы ’рцӕуиккой, уӕд ма дӕм уыдон цалдӕр гагайы ныууадзиккой. Ӕхсӕвыгон дӕм давджытӕ куы фӕзыниккой, уӕд, цас сӕ хъӕуы, уый бӕрц дӕ фӕдавиккой.


О, мӕнӕ куыд афасти, мӕнӕ куыд ныппырх ис, ӕнӕхъӕн зӕхх чи дӕрӕн кодта, уыцы дзӕбуг! Адӕмтӕ фыр тӕссӕй ризынц, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Израилӕй ма цы баззади, уыдон иууылдӕр сӕнӕфсирау, фӕстаг гагайы онг, ӕртондзысты. Сӕнӕфсир тонӕгау къалиутӕм баиваз дӕ къух!»


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты.


Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


Дӕ сӕнӕфсир куы ӕфснайай, уӕд ӕй фӕстаг гагайы онг ма ныттон: ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ ма дзы сидзӕргӕсӕн дӕр исты фӕуадз.


Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan