2 — Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ’руадздзынӕн, ӕмӕ дыл ӕлгъ кӕндзысты.
Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.
«Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дӕ адӕм ӕлгъагыл банымайдзысты.
Сӕ паддзахад иннӕ паддзахӕдтӕй уыдзӕни лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕз сӕ ӕрӕлхъивдзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты мауал ӕфхӕрой.
Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.
Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.