Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:16
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг зӕгъы: «Дзӕвгар фӕурӕдтон Мӕхи, ницы дзырдтон. Фӕлӕ ныр арӕг сылгоймагау хъӕрахст кӕнын, тыхулӕфтгӕнгӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд, масты кӕхцӕй нуазыны аккаг чи нӕ уыди, уыдон дӕр дзы нуаздзысты, уӕд ды, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ницы хуызы. Масты кӕхц иууылдӕр бануаздзынӕ ӕнӕмӕнг!


Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!


Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.


Иууылдӕр стигъынмӕ фесты, ӕхсидгӕ зилгӕ дымгӕйау размӕ бырсынц ӕмӕ уацайрӕгты змисау ӕмбырд кӕнынц.


Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan