Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:15
28 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.


Ӕппӕтхъомысӕн Йӕ тӕрхоны бонтӕ нысангонд цӕуылнӕ сты, Хуыцауы чи зоны, уыдон сӕм дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ цӕмӕн кӕсынц?


Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд, масты кӕхцӕй нуазыны аккаг чи нӕ уыди, уыдон дӕр дзы нуаздзысты, уӕд ды, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ницы хуызы. Масты кӕхц иууылдӕр бануаздзынӕ ӕнӕмӕнг!


Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ фатӕхсджытӕм фӕдзурут! Фатӕхсджытӕ, сахарыл ӕрхъула кӕнут, мачи дзы раирвӕзӕд! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын стӕрхон кӕнут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый хӕцыд Дунедарӕджы, Израилы Уаз Хуыцауы, ныхмӕ.


Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн.


Ӕрӕввахс ис сау бон! Хуыцауы тӕрхоны бон, сау бон ӕрӕввахс, адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!


уый тыххӕй Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — цы ӕнӕуынондзинад ӕмӕ сӕм цы хӕлӕгдзинад равдыстай, уымӕ гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн. Уыдонӕн та Мӕхи раргом кӕндзынӕн, дӕуӕн куы тӕрхон кӕнон, уӕд.


Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.


Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.


Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?


Додойаг сты, Дунедарӕджы тӕрхоны бонмӕ чи бӕллы, уыдон! Цӕмӕн уӕ хъӕуы уыцы бон? Уый рухс нӕ, фӕлӕ талынг у.


Дунедарӕджы тӕрхоны бон рухс нӕу, фӕлӕ талынг у, рухсы цъыртт дзы нӕй!


Мӕнмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕмтӕй Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн.


Бирӕ адӕмты бастыгътай, ӕмӕ дын дӕхи дӕр иннӕ адӕмтӕ афтӕ бастигъдзысты, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты хӕлӕттаг кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй.


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan