Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мӕ адӕмы ӕнамонды бон сӕ кулдуарӕй бахизын, се сӕфты бон сӕ фыдбылызтӕм кӕсын ӕмӕ дын сӕ исбоныл андзӕвын дӕр не ’мбӕлди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:13
9 Iomraidhean Croise  

Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».


Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?


Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.


Афтӕ кӕй дзырдтай, ацы дыууӕ адӕмы ӕмӕ ацы дыууӕ бӕстӕйы мӕн уыдзысты ӕмӕ сӕ нӕхи бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, — афтӕмӕй та уым Дунедарӕг царди, —


Израилы адӕммӕ де ’нӕуынондзинад ӕнусон кӕй у, уый тыххӕй сӕ ды сӕ бӕллӕхы, сӕ азары бон, карды амӕттаг бакодтай.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ,


уый тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алырдыгӕй уӕ гӕныстон кӕнынц, лӕбурынц уӕм, цӕмӕй иннӕ адӕмты амӕттаг бауат, уӕ фыдгой кӕной ӕмӕ уыл худой.


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan