Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Де ’фсымӕрыл фыдбылыз куы ’рцыд ӕмӕ йе сӕфты бон куы ралӕууыд, уӕд ӕм дӕуӕн райгондӕй кӕсын не ’мбӕлдис. Иудӕйы байзӕддагӕн се сӕфт куы ’рцыд, уӕд ууыл цин кӕнын ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты куы бахаудысты, уӕд сыл худын не ’мбӕлди дӕуӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:12
27 Iomraidhean Croise  

Йӕ хъысмӕты коймӕ ныгуылӕны баризынц, скӕсӕны ныккӕрзынц.


Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?


Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.


Ӕз загътон: «Тӕхуды ӕмӕ мын исчи бӕлоны базыртӕ куы раттид, ӕз атӕхин ӕмӕ ӕнцой ссарин.


Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, филистимӕгты зӕххыл айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»


Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!»


Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!


Ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй фехъуыстон, ды Израилы хӕхтӕн куыд фидис кодтай, ныггӕныстон сты ӕмӕ нӕ амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уый.


Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ».


Ӕнӕнымӕц адӕмтӕ сыстадысты дӕ ныхмӕ ӕмӕ дзурынц: «Уадз ӕмӕ фӕчъизи уа Сион, йӕ худинаг ын фенӕм!»


Йесо сахармӕ куы ӕрбахӕстӕг ӕмӕ йӕм куы акасти, уӕд ыл ныккуыдта


Афтӕ ӕвзаг дӕр: хӕрз гыццыл уӕнг у, фӕлӕ йын тынг бирӕ ӕнтысы. Кӕс-ма, хӕрз гыццыл зынгӕй цы стыр арт сирвӕзы!


Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.


Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.


Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕг кӕныны бар.


Схъӕл ныхӕстӕ ныууадзут, къӕйных ныхас ма схауӕд уӕ дзыхӕй, — Дунедарӕг алцызонӕг Хуыцау у, алы хъуыддагӕн дӕр аргъгӕнӕг Уый у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan