Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Авадиа 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Авадиа 1:10
30 Iomraidhean Croise  

Йаков загъта йӕ мад Ревеккӕйӕн: «Куы йӕ зоныс, ме ’фсымӕр Исавы буар хъуынджын у, мӕнӕн та нӕу.


Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».


Уымӕн ӕмӕ едомӕгтӕ ногӕй ӕрбабырстой Иудеймӕ, ныддӕрӕн сӕ кодтой ӕмӕ дзы уацары дӕр райстой.


Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.


Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ; ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.


Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.


Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».


Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм.


Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!


Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!


Мыггагмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты никуыуал ничи ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст.


Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.


Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.


Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.


Уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг фӕлтӕрӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan